Зæрдæвæрæны мæйы 15-æм бон Ирыстон фæбæрæг кæны ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. Ацы бæрæгбон нын дæтты фадат æмæ стыр уæрæхавналæнтæ, цæмæй нæ гыццыл Ирыстоны алчидæрдзура йæ мадæлон æвзагыл. Ацы бон æвæццæгæнæнæхъуаджы не ‘рцыд æвзæрст, 1899 азы 15 майырацыд мыхуыры Хетæгкаты Къостайы чиныг «Иронфæндыр».
Зæрдæвæрæны мæйы 18 – æм боны Дзæуджыхъæуы 27 – æм скъолайы арæзт æрцыдстыр бæрæгбон «Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон».
Кадджын уавæры скъоламæ æрбацыдысты уазджытæРеспубликæ Цæгат Ирыстоны «Стыр ныхас» - минæвæрттæ, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайыномыл паддзахадон Университеты профессор, философион æмæ политикон наукæты кафедрæйы сæргълæууæг Дзахаты Л.Х., Республикæ ЦæгатИрыстоны «Сылгомæйгты совет» -ы минæварТакъæты О.Н., Республикæ Цæгат Ирыстоны «Стырныхасы» сæрдары хæдивæг Бургалаты З.К.,Координацион Советы уæнг Кодоты М.В.,Моргуаты Эдислав – республикæйы æгъдаудæттæгкомитеты сæрдар., Дыгъуызты Алыксандр- Промышленон окруджы æгъдаудæттæг комитеты сæрдар, Таутиаты М.К. Промышленон окруджысылгоймæгты комитеты «Сылгомæйгты советы» сæрдар.
Бæрæгбоны фæдыл арфæйы ныхæстæ загъта скъолайыразамонæг Джимиты Г.Х. Уый раарфæ кодтауазджытæн æмæ æппæт архайджытæн дæр.
Бæрæгбоны равдыст байгом ирон гимнæй. Кæстæркары скъоладзаутæ ( 1-4 къ.) радзырдтой æмдзæвгæтæмадæлон æвзаджы тыххæй. Хистæр къласонтæ (9-11къ.) та сæ арæхстдзинад равдыстой ирон уæзданкафт «Хонгæ», ирон зарæг, доулийы цагъдæй. Иронинструметтыл алыхуызон мотивты цагъд зæлыдскъолайы залы.
Уазджыты номæй арфæйы ныхæстæ загътой: ТакъæтыОльгæ, Бургалаты Заремæ, Таутиаты Минтæ. Уыдонæмхуызонæй дисы бафтыдысты, сывæллæттæ афтæрæсугъд æмæ аив кæй дзурынц иронау, сæ зæрдæтынг барухс.
Такъæты Оля Кады гæххæттæй хорзæхгонд скодтаскъолайы разамонæг Джимиты Г.Х., Къодоты М.В. та Кады гæххæттæй хорзæхгонд скодта ирон æвзаджыахуыргæнджыты: Къадзаты Л.А., Гæджиты Л.А., Тахъазты Л.А.